филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:22 воскресенье, 01 февраля 2026
16 октября 2019, 17:00
Бынæттон консервгæнæн заводтæ хомагæй ифтонг кæнын – ахæм хæс Битарты Вячеслав сæвæрдта амалхъомдзинады советы æмбырды

Ныр дыккаг хатт профилон водомствотимæ æмæ амалхъом адæмимæ фембæлд арæзт цæуы бæлвырд куыстуаты.

Бынæттон консервгæнæн заводтæ хомагæй ифтонг кæнын.

Ахæм хæс Битарты Вячеслав сæвæрдта амалхъомдзинады советы æмбырды. Ныр дыккаг хатт профилон водомствотимæ æмæ амалхъом адæмимæ фембæлд арæзт цæуы бæлвырд куыстуаты. Абон республикæйы сæргълæууæгæн «æгасцуай» загътой Беслæны хойраджы комбинаты. Ам халсартæй кæнынц консервтæ, джемтæ, соустæ, уымæй дарддæр дзул æмæ адджын гуылтæ. Иу азмæ куыстуатæн бантыст сæ товартæ 9-æй – 30 бæрц схæццæ кæнын. Ныртæккæ та йæ хъæуы уæрæхдæр базарадмæ рацæуын, цæмæй йæ бон уа сыхаг регионтимæ ерысхъом уæвын. Уый тыххæй та хъæуы хомаджы аргъ фæкъаддæр кæнын. Æндæр гæнæн сын нæй, æмæ йæ зынаргъæй æлхæнынц Кæсæг-Балхъары. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, фыццаджыдæр хъæуы консервгæнæн заводты æмæ халсарты куыстгæнæг хæдзарæдты æмархайд банывыл кæнын. Уый тыххæй бæлвырд амындзинæдтæ радта республикæйы хъæууон хæдзарады министрадæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania