филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:22 воскресенье, 01 февраля 2026
18 октября 2019, 15:00
Радон хатт сæ хъаст нæ телерадиокомпанимæ æрбахастой Дзæуджыхъæуы Къостайы проспекты 79-æм хæдзары цæрджытæ

Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ бирæ азты архайынц, цæмæй сæ фарсмæ цы æдзæрæг æмæ кæлæддзаг хæдзар ис, уыцы фæзуат сын исты æххуыс уа, ууыл.

Радон хатт сæ хъаст нæ телерадиокомпанимæ æрбахастой Дзæуджыхъæуы Къостайы проспекты 79-æм хæдзары цæрджытæ. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ бирæ азты архайынц, цæмæй сæ фарсмæ цы æдзæрæг æмæ кæлæддзаг хæдзар ис, уыцы фæзуат сын исты æххуыс уа, ууыл. Афтæмæй иуæй сæ кæрт фæуæрæхдæр уыдзæн, иннæмæй та сæ сывæллæттæн хъазæн фæзуат сараздзысты. Фæлæ сын ныр та æрмæстдæр масты хос.

Ацы цауы фæстæ Къостайы проспекты 79-æм хæдзары цæрджыты радон хатт масты бафтыдысты. Къуындæг уавæрты сты, куы дзы æрцардысты, уæдæй. 18 азы размæ, фатертæ куы лхæдтой, уæд сын арæзтадон компани зæрдæ бавæрдта сæ фарсмæ цы кæлæддзаг хæдзар ис, уый хæлд кæй æрцæудзæн æмæ йæ фæзуат баиу кæндзысты сæ кæртимæ. Фæлæ фæндтæ царды æххæстгонд ныр дæр не рцыдысты. Кæлæддзаг хæдзар ноджы тынгдæр ныззауат.

Сæ кæрт фæуæрæхдæр кæныны тыххæй цæрджытæ курдиат фыссын райдыдтой 2008-æм азæй. Æмæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын бæлвырд дзуапп иу хатт дæр нæ радтой. Ныртæккæ сæ фарсмæ, ома Къостайы проспекты 81-æм хæдзары ничи цæры, у афтид. Арæзтад хæлы æмæ у тæссаг. Фæзуат та хæмпæлы бын фæцис, ам æрæмбырд вæйынц æнæхæдзар адæм, уыд дзы зынгсирвæзтытæ дæр. Афæтæмæй цæрджытæ тæрсынц сæ сывæллæттæн.

Ныхæстæй хъуыддагмæ кæй рахиздзысты, уымæн та æвдисæн у ацы проект. Хъусаты Зауыр радзырдта æмæ бацамыдта кæм цы саразыны фæнд кæнынц, уый тыххæй. Уыимæ æппæт хæрдзтæ исынц сæхимæ. Æрмæст сын радтæнт сæ фарсмæ цы зæхх ис, уый.

Горæты администрацийы уæнгтæ сæ ныхмæ не сты, фæлæ фарста ныддæргъвæтин, уый та тыхсын кæны Къостайы проспекты 79-æм хæдзары цæрджыты. Мах архайдтам семæ аныхас кæныныл, фæлæ нæ фæндон иумæйаг нæ разынд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania