Алы къабæзты дохтыртæ сæмбырд сты иу ран, цæмæй адæмæн фадат уа се нæниздзинадмæ æркæсынæн, уыимæ сæ цæмæй ацы хъуыддаджы фæдыл алы рæттæм цæуын ма хъæуа, уый тыххæй.
Цæрджыты æнæниздзинад æппæты фыццаг. Горæтгæрон районы цæуы диспансеризаци. Алы къабæзты дохтыртæ сæмбырд сты иу ран, цæмæй адæмæн фадат уа се нæниздзинадмæ æркæсынæн, уыимæ сæ цæмæй ацы хъуыддаджы фæдыл алы рæттæм цæуын ма хъæуа, уый тыххæй. Нырыккон медицинон кусæнгæрзты фæрцы рагагъоммæ раиртасæн ис тæссаг низ. Уый та фылдæр хæттыты фервæзын кæны адæймаджы цард. Диспансеризацйы фæлгæты фыццаг хатт фадат ис бæрзæйы æмæ сæры тугдадзинтæн ультразвукæй диагностикæ скæнынæн. Уый та у, инсульты æмæ инфаркты профилактикæ. Кусæнгæрзтæ балхæныны фадат фæци, республикæ национ проект «Æнæниздзинадхъахъхъæнынады» программæйы кæй архайдта, уый фæрцы. Дохтыртæ курынц адæмæй, цæмæй афоныл кæной диспансеризаци. Адæймагæн у пайда. Ома, низ ис рагагъоммæ рабæрæг кæнын, æмæ адæймаджы цард фервæзын кæнын. Уый иу. Иннæмæй та – алы дохтырмæ дæр хицæнæй ныффыссын стæй рады лæууын нæ хъæуы. Æппæт специалисттæ сты иу ран.
Медицинон æркаст скæнын, цæмæй адæймаг зона, йе нæниздзинадæн тæссаг ницæмæй у, уый. Кæд æмæ низ ис, уæд та йын рагагъоммæ раргом кæнын. Горæтгæрон районы центрон рынчындоны поликлиникæйы разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй диспансеризаци адæймагæн дæтты бирæ гæнæнтæ.
Диспансеризаци у бирæ ахадгæдæр, дохтыртæм хицæнæй цæуынæн, зæгъынц, специалисттæ. Уымæй уæлдай, проекты фæлгæты, районы дæрддзæф хъæутæй дæр медицинон куыстуатмæ ласынц цæрджыты.
18 азæй-39 азы онг кæуыл цæуы, уыдонæн дохтыртæ зæгъынц, цæмæй медицинон æркаст цæуой алы æртæ азы дæр. 40 азæй уæлæмæ та алы афæдз дæр.




