филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:18 суббота, 28 сентября 2024
23 октября 2019, 18:04
Ирыстоны цæрджытæ мысынц Уæрæсейы хъæбатыр Джыбылаты Зауыры ном

Йæ фæрцы Дзæуджыхъæуы не рцыди теракттæ

Ирыстоны цæрджытæ мысынц Уæрæсейы хъæбатыр Джыбылаты Зауыры ном. Йæ фæрцы Дзæуджыхъæуы не рцыди теракттæ. Авд азы размæ 23-æм октябры пъæлицæйы лейтенант рад хаста Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы республикæйы административон арæныл посты.Райсомæй раджы баурæдта машинæ, æмæ йын касти йæ гæххæттытæм. Фæлæ шофыр алы фсонтæ агургæйæ архайдта тагъддæр ацæуыныл. Пъæлицæйагимæ баныхас кæнын йæ къухы нæ бафтдзæн, уый куы бамбæрста, уæд террорист схæцын кодта рæмудзæн æрмæг. Джыбылаты Заур бынат фæмард. Эксперттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй фыдгæнæг республикæмæ хъавыди 40 кг тротил æрбаласын, æмæ теракттæ скæнын. Хъæбатыры ном лæвæрд æрцыди Беслæны уынгтæй иуæн, стæй 6-æм скъолайæн, йæ хæдзары къулыл та йын байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ абон æрæмысыдысты се дзард æмкусæджы ном, минут алæууыдысты æдзæмæй, уый фæстæ,  дидинджытæ сæвæрдтой йæ службæйы рæстæг чи фæмарди, мидхъуыддæгты министрады уыцы кусджыты цыртдзæвæны цур.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania