31 октября 2019, 13:51
Горæты администрацийы уыд Дзæуджыхъæуы æхсæнадон Советы пленарон æмбырд
Нысангонд æрцыд Советы куысты фæтк
Горæты администрацийы уыд Дзæуджыхъæуы æхсæнадон Советы пленарон æмбырд. Нысангонд æрцыд Советы куысты фæтк. Æхсæнадон Совет сфæнд кодта горæты сайты сæрмагонд рубрикæ байгом кæнын, цæмæй сæм уырдæм адæм фыссой сæ фарстатæ æмæ курдиæттæ, Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уый размæ Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег загъта Михаил Шаталовæн йæ фæндон, цæмæй уый дарддæр æххæст кæна æхсæнадон Советы сæрдары хæстæ. Икъаты Русланбег ма фæбæрæг кодта, Михаил Шаталов Цæгат Ирыстоны сæйраг горæтæн разамын кæй лæвæрдта уаззау экономикон рæстæг, æмæ стыр æвæрæн бахаста горæты алывæрсыг райрæзтмæ.




