филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:41 воскресенье, 01 февраля 2026
06 ноября 2019, 12:06
Битарты Вячеслав æмæ Евгений Титов æрныхас кодтой инвестицион проекттæ царды рауадзыныл

Фембæлды ма архайдта æфснайæн банчы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Амиран Левитский

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ акционерон æхсæнад «Æфснайæн банчы» хуссайраг-ныгуылæн банчы сæрдар Евгений Титов æрныхас кодтой инвестицион проекттæ царды рауадзыныл, стæй чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн æххуысы мадзæлттыл. Фембæлды ма архайдта æфснайæн банчы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг  Амиран Левитский. Хуссайраг-ныгуылæн банк æмæ нæ республикæйы Хицауад рагæй бæттынц æмгуыстады бастдзинæдтæ. Фæстаг дыууæ азмæ Æфснайæн банк фæрæзтæ радих кодта цалдæр егъау проектæн 1 миллиард сомæй фылæр. Ныртæккæ ныхас цæуы радон проектыл. Йæ аргъ у 5 миллиард сомы. Уыдонæй банк бахæсдзæн 3 миллиарды æмæ 300 милуан сомы. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы инвестицион политикæйы сæйраг нысан у амалхъомдзинады рæзтæн хорз уавæртæ аразын. Æфснайæн банк цæттæ у инвестицион проекттæн экспертизæ скæнынмæ. Уый та фадат ратдзæн тæссаг хъуыддæгтæ фæкъаддæр кæнынæн. Уымæн ахъаз уыдзæн Проектон офисы куыст дæр. Ахæм архайд ныридæгæн цæуы Дагестаны. Чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзтыл дзургæйæ, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг загъта, ацы куыст зынгæ æвæрæн кæй бахæсдзæн бюджеттæ аразыны хъуыддагмæ. Ома фæзындзысты ног куысты бынæттæ, æмæ алыг кæндзæн цалдæр социалон фарстайы. Уымæ гæсгæ республикæйы разамынд тырны административон цæлхдуртæ айсынмæ, æмæ бизнес-пълантæ аразынæн алывæрсыг æххуыс кæнынмæ. Битарты Вячеслав æмæ Евгений Титов æрныхас кодтой национ проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады» рæзтыл Цæгат Ирыстоны территорийы. Фембæлды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ нæ регионæн ис иттæг хорз гæнæнтæ хъæууон хæдзарады рæзтæн. Льготæтæм гæсгæ кредиттæ исыны хъуыддаг та фадат дæтты ноджы фылдæр гæнæнтæн. Ныхас ма цыд алыхуызон фиддонтыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania