филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:19 суббота, 28 сентября 2024
07 ноября 2019, 17:55
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æмæ агурджыты уæрæсейаг змæлды минæвæрттæ сæмбырд кодтой Цæгат Ирыстонæй рацæуджыты тыххæй информаци

Активисттæ цы акцийыл бакуыстой, уый схуыдтой «Салдаты хъысмæт»

Æбæрæгæй сæфты номхыгъдæй – номарæн Чиныгмæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, ноджыдæр ма 4 ахæм хъæбатыры хаст æрцæудзысты зындгонд рауагъдадмæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æмæ агурджыты уæрæсейаг змæлды минæвæрттæ сæмбырд кодтой Цæгат Ирыстонæй рацæуджыты тыххæй информаци. Бæлвырддæр та – раздæр сæ хъысмæт бæрæг кæмæн нæ уыди, уыдоны тыххæй. Активисттæ цы акцийыл бакуыстой, уый схуыдтой «Салдаты хъысмæт». æдæппæтæй агурджытæм бахастой 200 курдиаты. Фронты чи фæмард, уыцы хъæбатырты агурынц сæ цот, уыдоны кæстæртæ æмæ ма суанг сæ хъæбулы хъæбултæ дæр. Цы æрмæг сæмбырд кодтой, уый Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ абон балæвæрдтой æдзард хæстонты хæстæджытæн. Сæ фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады музейы. Алы папкæйы дæр бæстон информаци фыст алы салдаты тыххæй. Уæвгæ та, кæм службæ кодта, æмæ йæм цы хæрзиуджытæ уыди, уый бозонын æнцон хъуыддаг нæ уыди. Æппæт æрмæджытæ самал кодтой зын æмæ ахсджиаг куысты фæрцы. Хаттæй-хатт ма сæ-иу æцæг детективон-агурæн куыст дæр бакæнын бахъуыд. Стыр зындзинæдтæ ма сын бавзарын кодта, национ нæмттæ, мыггæгтæ æмæ хъæутæ арæх æндæр хуызы фыст кæй цыдысты, уый дæр. Фронтовикты хæстæджытæ зæрдæ бавæрдтой, хæстæгдæр рæстæг сæ хъæбатырты ингæнтæ кæй бабæрæг кæндзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania