филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:42 воскресенье, 01 февраля 2026
08 ноября 2019, 15:40
Мидхъуыддæгты министрады рæнхъытæм райстой 72 кусæджы

Традицимæ гæсгæ сын, ард хæрыныны рæстæг, раарфæ кодтой министр æмæ ведомствæйы кадджын ветерантæ

Адæймаджы бартæн аргъ кæнын, æмæ сæ хъахъхъæнын, хъаруджын, тыхджын æмæ цæсгомджын уæвын. Абон мидхъуыддæгты министрады рæнхъытæм райстой 72 кусæджы. Традицимæ гæсгæ сын, ард хæрыныны рæстæг, раарфæ кодтой министр æмæ ведомствæйы кадджын ветерантæ. Ныронг йæ куысты чи фесгуыхт, уыдон хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй, сæ ныййарджытæн радтой арфæйы фыстæджытæ. Мадзал арæзт уыд,  йæ профессионалон хæс æхæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны номыл мемориалы цур, сты 204 сахъгуырды. Сæ номыл сæвæрдтой дидинджытæ.  Хуыцаубоны барадон оргæнты кусджытæ бæрæг кæндзысты  сæ  профессионалон бон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania