Арæзт уыд видеобастдзинады фæрцы.
Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег архайдтой нæ бæстæйы Президенты цур арæзт президиумы Советы æмбырды. Арæзт уыд видеобастдзинады фæрцы. Амыдта йæ УФ-йы хицауады сæрдар Дмитрий Медведев. Ныхас цыд национ проекты стратегион райрæзтыл. Дмитрий Медведев куыд загъта, афтæмæй проекттæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, уымæн дзуапп дæттынц сæрмагонд адæм. Æмæ дзуапдæттæг адæмæй рæдыд чи бауадза, уый æфхæрд цæудзæн куыд административон, афтæ уголовон æгъдауæй. Уæрæсейы Хицауады сæрдар ма разы нæу, чысыл бизнесæн льготæты хуызы цы кредиттæ дæттынц, уымæй дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй программæйы фæрæзтæ ис, фæлæ сæ хардзгонд цæуынц сындæггай. Афтæ 29-æм октябрьмæ кредитты бадзырдтæ сфидар кодтой 305 млрд сомæн, нысангонд та уыд триллион сомы. Цæгат Ирыстоны национ проекттæ царды рауадзынæн 2019-æм азы радих кодтой 7 миллиард сомы бæрц. Уыдонæй 1 миллиард 55 милуаны – демографион рæзтæн, 1 миллиард 26 милуаны – æнæниздзинад фидар кæныны къабазæн, ахуырадæн та 1 миллиардæй фылдæр. Бафтыд чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады фæрæзтыл. 2018-æм азы уыд 35 милуанæй чысыл фылдæр, ацы аз та 168 милуанмæ хæстæг.




