филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:32 воскресенье, 14 декабря 2025
12 ноября 2019, 12:20
Зындгонд политикон æмæ æхсæнадон архайæг Магкæты Зурабы ингæн у базилинаг

Бынæттон цæрджытæ æмæ йæ хæстæджытæ цыртдзæвæнмæ рæстæгæй-рæстæгмæ базилынц. Фæлæ уый фаг нæу

Зындгонд политикон æмæ æхсæнадон архайæг Магкæты Зураб 18-æм æнусы кæрон ныгæд æрцыд Зæрæмæджы, йæ хæстæджыты æмæ хиуæтты фарсмæ. Ныртæккæ йæ ингæн у базилинаг. Бынæттон цæрджытæ æмæ йæ хæстæджытæ цыртдзæвæнмæ рæстæгæй-рæстæгмæ базилынц. Фæлæ уый фаг нæу. Историон объект хъæуы бындуронæй рацаразын. Уый та домы егъау проект саразын. Бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Зæрæмæджы сæрмæ бæрæг дары, æрæджы кæй сæвæрдтой, уыцы цыртдзæвæн. У Ирыстоны зындгонддæр паддзахадон архайджытæй иу Магкæты Зурабы номыл конд. Сæвæрдтой йæ, мыггаджы минæвæрттæ кæм ныгæд сты, уый фарсмæ. Йæ алыварс сæхгæдтой æфсæйнаг быруйæ. Фыццаг бакастæй зын бауырнæн, ацы ран ахæм хъуыстгонд æхсæнадон æмæ политикон архайæг ныгæд кæй у, уый. Бынæттон цæрджытæ æмæ йæ хæстæджытæ цыртдзæвæнмæ рæстæгæй-рæстæгмæ базилынц. Фæлæ уый фаг нæу.

Историон объектæн тæссаг у ахæм уавæры дæргъвæтин рæстæгмæ баззайынæй. Культурон цыртдзæвæнты рацарæзты программæмæ хаст не рцыд. Культурон хæзнаты объекттæ хъахъхъæныны комитеты зæгъынц, фарстайыл бакусæн ис. Æрмæст иу ингæнмæ базилгæйæ, йæ нæ алыг кæндзынæ. Уымæн æмæ у æнæхъæн культурон-æрдзон комплекс. Хаст æм æрцыдысты хæххон ландшавт, рагон кувæндон æмæ æндæр ахсджиаг историон объекттæ.

«Аланийы культурон бынтæ» бахъахъхъæныны куыстуаты зæгъынц, цыртдзæвæнмæ хъæуы бындуронæй базилын. Уый та домы егъау проект саразын. Йæ нысан у, æмтгæй райсгæйæ, туристты ргом æрбаздахынмæ дæр. Уымæ гæсгæ сæ ис ныфс, Мамысоны курорт арæзт куы цæуа, уæд ацы хъуыддагмæ дæр æргом кæй раздахдзысты, уымæй. Ныр та уал, экспертты хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы банхъæлмæ кæсын, æмæ рагагъоммæ хатдзæгтæ кæнынмæ ма тагъд кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania