21 ноября 2019, 18:06
Республикæйы парламенты советæн уыд радон æмбырд
Ацы хатт боны фæткмæ бахастой 40 фарстайы
Республикæйы парламенты советæн уыд радон æмбырд. Ацы хатт боны фæткмæ бахастой 40 фарстайы. Закъоны проекттæн сæ фылдæрмæ æркæсдзысты радон сессийы. Бюджетон комитеты сæрдар Баликъоты Валерий куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикон бюджеты проектмæ 2021-æм азы онг æркастысты æппæт парламентон комиетты, æмæ йын скодтой хатдзæгтæ. Депутаттæ ма æркастысты, Паддзахадон Думæйæ чи рбацыд, уыцы закъоны проектмæ. Уымæ гæсгæ фæфылдæр кæндзысты, æнæзакъон хъахъхъæнынадон архайд чи кæндзæн, ахæм адæмы ивартæ. Дыккаг бакастмæ ма бацæттæ кодтой, музейтæ æмæ культурон объекттимæ баст закъоны проекттæ. Ныхас ма цыд аграрон къабазы æмæ экологи бахъахъхъæныны ног нормæтыл.




