Сбæрæг кодтой 2019-æм азы 3-аг кварталы цæрынæн æппынкъаддæры бæрц.
Тускъаты Таймуразы разамындæй уыд Хицауады радон æмбырд. Райдыдта кадрты ивддзинæдтæй. Афтæ Гульчеты Валерий йæхи фæндонмæ гæсгæ ныууагъта Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæджы бынат. Дарддæр рахызтысты боны фæткы иннæ фарстатæм. Сбæрæг кодтой 2019-æм азы 3-аг кварталы цæрынæн æппынкъаддæры бæрц. Сси 9926 сомы, пенсиисджытæн — 7618 сомы, сывæллæттæн та у 9742 сомы. Уый тыххæй йæ доклады фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ. Хицауады уæнгтæ ма æркастысты республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикон комплексы цæттæдзинадмæ фæззыгон-зымæгон сезонмæ. Министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй зымæгмæ цæттæдзинадыл куыст цыди бæлвырд куысты фæткмæ гæсгæ. Сфидар сæ кодта республикæйы хицауад.
9 мæймæ цы куыст бакодтой, уый тыххæй йæ доклады радзырдта, Цæгат Ирыстоны туризмы комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъодзаты Зауырбег. Ныридæгæн арæзт æрцыд æмæ кусынц информацион туристон центр æмæ портал. Мыхуыры рауагътой туристон фæндаг амонæнтæ æмæ картæ, стæй ма нæ регионы туристон бренд дæр. Уæрæсейы Æхсæнадон палатæмæ арвыстой курдиат, цæмæй нæ бахæссой культурон брендты национ картæмæ, æмæ ма архайæм æппæтдунеон туристон равдысты æмæ форумы.




