филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:15 воскресенье, 01 февраля 2026
29 ноября 2019, 18:07
2024-æм азы Цæгат Ирыстоны сбæрæг кæндзысты нæ республикæйы арæзты 100 азы бон

Цæттæгæнæн мадзæлттæ йæм ныридæгæн дæр райдыдтой

2024-æм азы Цæгат Ирыстоны сбæрæг кæндзысты нæ республикæйы арæзты 100 азы бон. Цæттæгæнæн мадзæлттæ йæм ныридæгæн дæр райдыдтой. Уый тыххæй сæрмагонд уынаффæ ацы аз майы бафыста Уæрæсейы президент Владимир Путин. Организацион комитетæн та федералон æмвæзадыл разамынд дæтдзæн Хицауады Сæрдары хæдивæг Виталий Мутко. Республикон оргкомитеты фыццаг æмбырдæн та разамынд лæвæрдта вице-премьер Азымты Иринæ. Куыд дзы фæнысан кодтой, афтæмæй юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлттæн рагагъоммæ скодтой сæрмагонд пълан, æмæ дзы алы темæйæн дæр хъуамæ дзуапп дæттой бæлвырд æххæстгæнæг  адæм. Уыимæ, сын радтой æмгъуыд, цæмæй бацæттæ кæной куысты фæтк. Бæрæгбоны пъланмæ хаст æрцыдысты культурон, рухстауæн, наукон æмæ спортивон мадзæлттæ. Арæзт цæудзысты куыд республикæйы сæйраг горæты, афтæ районты æмæ хъæуты дæр. Нысангонд сты 2024-æм азы кæронмæ. Цæгат Ирыстоны ветеранты советы сæрдары хæдивæг Бедойты Русланы хъæппæрисæй бæрæгбоны мадзæлттæм бафтыдтой скъоладзауты хсæн конкурс – «Мæ мыггаг Ирыстоны историйы». Иртасæн куыст кæнгæйæ рæзгæ фæлтæр базондзысты сæ мыггæгты æмæ райгуырæн республикæйы истори. Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан та бахаста республикæйы сквертæй иуы «Намысы галлерейæ» скæныны фæндон. Нысангонд дзы æрцæудзысты фæстаг 100 азмæ не мзæххонтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, наукæйы, культурæйы æмæ æндæр къабæзты чи фесгуыхти, ахæм  адæмтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania