Ацы федералон закъон хорзыл банымадта Цæгат Ирыстоны Парламент.
Цæрджытæ хъармæн æххæстæй куы нæ фидой, уæддæр æй хъуамæ ма хуыссын кæной. Ацы федералон закъон хорзыл банымадта Цæгат Ирыстоны Парламент. Бирæфатерон хæдзæртты та хъуамæ мауал хуыссын кæной уазал дон. Депутаттæ ма абон æрныхас кодтой сывæллоны фиддонты æмгъуды афæдз æмæ *рдæгæй, æртæ азмæ фæфылдæр кæныны федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстамæ. Ацы фиддонтæ хъуамæ парахат кæной, йæ ныййарджытæ студенттæ кæмæн сты, кæнæ та пособитæ райсыны тыххæй курдиат бадæттыны размæ æппын къаддæр иу афæдз чи куыста, ахæмтыл. Парламенты æмбырды фарстайаг хъуыддаг уыди ахуыргæнæндæтты æдасдзинад. Елена Князева расидт хъæппæрис, ахуыргæнæндæтты электрон æвдисæндартæй сифтонг кæнын, стæй дæрддзæф рæтты чи ис, уыцы уагдæтты æдасдзинадмæ та Уæрæсейы национ гвардийы æргом раздахын. Фæлæ йын йæ фæндоныл не сразы сты.