филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:40 понедельник, 15 декабря 2025
13 декабря 2019, 15:29
Дзæуджыхъæуы рацарæзты фæстæ Архонкæмæ фæзилынæ байгом кодтой зæххы бынты ахизæн

Абон та ирд æмæ райдзаст нырыккон бынат.

Дзæуджыхъæуы рацарæзты фæстæ Архонкæмæ фæзилынæ байгом кодтой зæххы бынты ахизæн. Зæронд къултæ, пырх къæйдуртæ, стæй ма æппынæдзухдæр æнæзакъонæй уæйгæнджытæ. Ахæм хуыз уыди ахизæнæн дыууæ мæйы размæ. Абон та ирд æмæ райдзаст нырыккон бынат. Ифтонг у сæрмагонд хæцæнтæй, æмæ дзуапп дæтты ног домæнтæн. Дзæуджыхъæуы арæзтады управленийы специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бынатмæ базылдысты, раздæры куыстæн хатдзæгтæ кæнгæйæ. Куыд зонут, афтæмæй ма раздæр базылдысты Гугкайы-фырты уынджы зæххы бынты ахизæнмæ. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы ис 3 ахæм бынаты. Дыууæ дзы ныридæгæн сцалцæг кодтой. Афæдзы кæронмæ базилдзысты æртыккагмæ дæр. Ис Кировы уынджы. Ног цалцæггонд бынат та федта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania