филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:33 воскресенье, 01 февраля 2026
19 декабря 2019, 18:36
Транскамы зæйтæ не руадзыны галерейты арæзтад райдайдзæн 2020-æм азы

Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, йæ пресс-конференцийы рæстæг.

Транскамы зæйтæ не руадзыны галерейты арæзтад райдайдзæн 2020-æм азы. Проект царды рауадзынæн æппæт хъуыддæгтæ дæр сты цæттæ. Галерейты арæзтадæн дихгонд æрцыди 2 миллиард сомы. Хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ райста Уæрæсейы хицауад. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, йæ пресс-конференцийы рæстæг. Æрмæст цæгатаг порталæй таможняйы пунктмæ фæндаджы 15 км уаццагыл ис 150 тæссаг зæй рацæуæны. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, амæй размæ зæйтæ не руадзыны галерейтæ арæзт æрцыдысты, æппæтæй тæссагдæр кæм уыди, уыцы 3 раны. Æмæ уый ныридæгæн фæбæрæг фæндаджы æдасдзинадыл. Транскамы цæгатирыстойнаг хайыл та фæнд кæнынц Захъайы рдыгæй зæйтæ не руадзыны галерей бындуронæй рацаразын. Специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй фæндаджы ацы хайыл ис 11 локалон зæйрацæуæны. Проекты нысангод куыд у, афтæмæй ам фæфидардæр кæндзысты арæзтадон конструкцитæ, аивдзысты фæндаджы уæлцъар, сног кæндзысты инженерон коммуникацитæ. Цалцæггæнæн куыстыты рæстæг уал дзы уыдзæни иуфæрсты цæуæг фæндаг. Транскам цæуы хæхбæстыл, æмæ у, Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ чи иу кæны, уыцы иунæг фæндаг. Тынг ахсджиаг у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæн. Уымæ гæсгæ архайын хъæуы æппæт тыхтæй, цæмæй куса  æнæрлæугæйæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Транскам Цæгат Кавказы нымад у – зæйтæй æппæты тæссагдæр районыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania