Объекттæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав
Æрæфы районы дыууæ ног объекты арæзтад кæронмæ æрхæццæ. Сæ иу – Урухы цæугæдоны сæрты хид, иннæ та – Æхсæрысæры культурæйы хæдзар. Объекттæ байгом кæныны кадджын мадзалы уыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уыимæ ма йын йæ кусæг балцы рæстæг бантыст алы кары адæмы зæрдæтæ барухс кæнын. Уæвгæ, фехъусынæй фенын хуыздæр у.
Æрæджы дæр ма Æрæфы районы цæрджыты уырнгæ дæр нæ бакодтаид, абон сæхи цæстытæй цы цау уынынц, уый. Афæдзы рдæгмæ автомобилон трассæ «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен-2»-йы 78-æм километрыл, цæугæдон Урухы сæрты байгом кодтой ног хид. Дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. У 113 метры. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав раарфæ кодта Дагестаны подрядон организацийы кусджытæн, уыдон зæрдиагæй бакуыстой хиды арæзтадыл. Сæ арæхстджындæртæ Битары-фырты къухтæй райстой кады æмæ арфæйы гæххæттытæ. Ног хиды хæрзхъæддзинад сбæрæг кодтой, йæ арæзтадыл цы машинæтыл архайдтой, уыдон. Фыццаджыдæр ыл рацыди уæзласæн транспорт.
Хид иу кæны Æрæфы районы хъæутæ. Зæронд хидæй пайда кодтой 58-æм азæй нырмæ, æмæ заууатмæ æрцыди. Йæ рацарæзт хаст æрцыд паддзахадон программæ «Строительство уникальных искусственных сооружений»-мæ. Хардзгонд ыл æрцыди 560 милуан сомы, сæ фылдæр хай сты федералон фæрæзтæ. Ног хид у уæрæхдæр æмæ фидардæр. Арæзтадон æрмæджыты хæрзхъæддзинад бæрæг кодтой сæрмагонд лабораторийы. Фæндаджы арæзтадмæ йæ цæст дардта Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитет. Æхсæрысæры цæрджытæн дæр сæ гæнæнтыл бафтыд. Федеральнон программæ «Культурæ æмæ туризмы райрæзт 2012-2020 азты»- мæ гæсгæ дзы сарæзтой, 100 бынаты кæм ис, ахæм культурæйы хæдзар. Йæ байгом кæныны фæдыл сæм арфæтæ ракæнынмæ æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Уæвгæ ацы аз Æрæфы районы цас ног арæзтæдтæ фæзынд, уыйас дзы рагæй нал уыд.
Уæдæ ног азы агъоммæ йæ хорз хъуыддæгтæ кæныны балц Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æрдæгыл нæ ныууагъта. Бабæрæг кодта Дур-Дуры скъола – интернат «Надежда». Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр Битарты Вячеславмæ сабитæ æнхъæлмæ кастысты.Зæрдиагæй сæхи бацæттæ кодтой. Республикæйы сæргълæууæг сын ракодта ног азы арфæтæ, стæй сын бакаст сæ концертон программæмæ.
Уæдæ ног азы бæрæгбон æнæ лæвæрттæй дæр нæ фидауы. Ам Ног боны диссæгтæм уæлдай тынгдæр фенхъæлмæ кæсынц. Битары-фырт сабитæн скодта лæвæрттæ æмæ загъта, Митын Дада йæ кæй æрбарвыста сывæллæттæн раарфæ кæнынмæ.
Республикæйы сæргълæууæг ма федта, скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ цы уавæрты цæрынц, уый. Йæ директор Хъойбайты Оксанæйы бафарста сæ ногдзинæдтæй. Фенд хъуыддæгтæй баззад разыйæ. Цæмæй цард райдзаст уа, ууыл æрвылбон чи кусы, уыдонæн раарфæ кæныны нысаниуæгимæ Битарты Вячеслав афæдзы кæрон абалц кæны Цæгат Ирыстоны районты хъæутæ æмæ горæттæм. Ацы хатт фембæлд Æрыдоны, Дыгуры æмæ Æрæфы районты, ацы аз сæ куысты хуыздæр æнтæстдзинæдтæ чи равдыста, уыдонимæ. Битары фырты къухтæй райстой арфæйы æмæ кады гæххæттытæ, стæй ма сбæрæг кодтой алы къабæзты сгуыхт кусджыты нæмттæ. Алы ран дæр кады аккаг чи сси, уыдонæн районты культурæйы хайæдты кусджытæ сарæзтой цымыдисаг программæ.
Ирон адæммæ кæрæдзийы нымайын, кæрæдзийæн кад кæнын, кæддæриддæр уыд бæрзонд бынаты æвæрд. Битарты Вячеслав та радон хатт адæмы бауырнын кодта Ног азы бæрæгбоны диссæгтыл.




