30 декабря 2019, 13:05
Ног азы æнæивгæ хай сты лæвæрттæ
Кæм сæ ссарæн ис, уымæн та ратдзыстæм ахæм дзуапп – армукъа Хиконды
Ног азы æнæивгæ хай сты лæвæрттæ. Кæм сæ ссарæн ис, уымæн та ратдзыстæм ахæм дзуапп – армукъа Хиконды. Ног азы æрмдæсныты равдыст рауад хъæздыг æмæ цымыдисаг алыхуызон куыстытæй. Бацæттæ йæм кодтой адджын дæттæ, згъæрæй æмæ æрдзон дуртæй аивгæнæнтæ, национ сувениртæ. Армукъайы сæйраг бынат бацахста Гасситы Михаилы хуызистыты равдыст «Открывая Аланию». Фенæн дзы уыд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ист рæсугъд къамтæ. Адæммæ цымыдисдзинад сæвзæрын кодтой къамисæджы конд къалиндартæ æмæ посты къамтæ.
темæмæ гæсгæ




