филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:06 вторник, 16 декабря 2025
03 января 2020, 12:20
1-æм январы сæдæ азы размæ райгуырдысты Епхиты Михаил æмæ Чъерджиаты Константин

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта орден «Ирыстоны намыс» æмæ «Ирыстоны намысы кадæн» майданæй

1-æм январы, фæлæ сæдæ азы размæ райгуырдысты Епхиты Михаил æмæ Чъерджиаты Константин. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав схорзæхджын кодта орден «Ирыстоны намыс» æмæ «Ирыстоны намысы кадæн» майданæй. Æнусы æмгæрттимæ амбæлд не сфæлдыстадон къорд.

1-æм январы Епхиты Михаил акаст йæ 100 азы сæрты. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран  куыд зæгъы, афтæмæй, æнусмæ кæй фæцард, уый йе нæниз цардыуаджы фæрцы. Абон у буц хистæр. Ис ын 4 кæстæры, уыдонæн 8 хъæбулы, уæдæ йæ цоты цот та сты 5. Хæствæллад салдат йæ фыдыуæзæгыл куы сæмбæлд, уæд кусын райдыдта йæ хъæу Хъæдгæроны скъолайы, лæвæрдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæ. Ахуыргæнæджы дæсныйадæн балæвар кодта 50 азы. Абон дæр йæ ахуырдзаутæ сæ зæрдыл дарынц йæ урочытæ.

Йæхæдæг та йæ царды сæйраг урочытæ райста хæсты цæхæры. Знаджы ныхмæ тохы æрлæууыд фыццаг бонæй. Æрыгон лæппу бирæ хæстон цауты архайдта, уыдонæй иу Киев бахъахъхъæныны операцийы. Уыд немыцæгты уацары, фæлæ йæ бон сси рацæуын. Йæ хæстон фæндаг дарддæр цыд Ростовыл, Михаилы райстой амынæты,  суæгъд æй кодтой 1945-æм азы апрелы. Уæззау æмæ лæгæвзарæн азтæ уыдысты. Абон хæсты ветеран у адæмон ахуырады отличник. Ис æм бирæ майдантæ, Хорзæхгонд у фыдыбæстйы Стыр хæсты орденæй. Епхиты Григорийы фырт Михаилæн йæ 100 азы фæдыл раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ йæ схорзæхджын кодта «Ирыстоны намыс»-ы орденæй

Ног азы фыццаг бон йæ 100 азы юбилейыл сæмбæлд нæ иннæ хæствæллад ветеран Чъерджиаты Тимофейы фырт Константин дæр. Хъæбатыр салдат Уæлахизыл сæмбæлд Венгрийы. Уый дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæцис, уæд йæ фæллойы фæндаг райдыдта йæ рагуырæн Дзуарыхъæуы скъолайæ, уый фæстæ уыд колхозы сæрдар, хъæууон хæдзарад снывыл кæныныл архайдта æндæр бæрнон бынæтты кусгæйæ дæр. Битарты Вячеслав æй схорзæхджын кодта «Ирыстоны намы кадæн» майданæй.

Константин схъомыл кодта дыууæ кæстæры. Йæ хъæбулы хъæбултæ сты 3, уыдон цот дæр афтæ. Константин дæр йæ дæргъвæтин царды бонтæ бæтты æнæнизцардыуагимæ æмæ йæхиуæтты уарзондзинадимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania