Ацы цаумæ нæ республикæйы аивадуарзджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты
Афæдзы кæрон нæ республикæйы æрцыд æхсызгон культурон цау. Гæздæнты Булаты номыл национ оркестрæн байгом ног концертон зал. Ацы цаумæ нæ республикæйы аивадуарзджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Фæстаг азты оркестр йæ бынат арæх раив-бав кодта. Фæлæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй ныр музыканттæн ис хи хæдзар, уый у раздæры кинотеатр «Родинæ». Алы рæстæджыты ацы бæстыхай лæггад кодта алыхуызон организацитæн, ныр дзы зæлдзысты оркестры монон зæлтæ. Фарстайыл бакуыста республикæйы исбон æмæ зæххыты ахастдзинæдты министрад. Ныр раздæры кинозал ис республикæйы бæрны. Æмæ кадджын уавæры лæвæрд æрцыд национ оркестрæн. Ацы бон музыкалон къорд радта йæ фыццаг концерт. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав ма раарфæ кодта бæстыхайы цалцæггæнджытæн, æмæ сын радта арфæйы фыстæджытæ.




