филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:26 вторник, 16 декабря 2025
09 января 2020, 12:57
Йæ царды сæйрагдæр бæллиц æххæст кæны Тедеты Роберт

Йæхи къухтæй ныр цалдæр хатты скодта хæдтæхæгæн проект

Йæ царды сæйрагдæр бæллиц æххæст кæны Тедеты Роберт. Йæ сабибонтæй фæстæмæ йæ фæндыд хæдтæхæгæн разамынд дæттын. Фæлæ йын цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ профессионалон пилот суæвын  нæ бантыст. Уымæ гæсгæ Роберт уæларвмæ ссардта æндæр фæндаг. Йæхи къухтæй ныр цалдæр хатты скодта хæдтæхæгæн проект. Уыимæ йæм сæрмагонд ахуырад нæй. Куыд ын бантыст, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ. 

Хи къухтæй арæзт хæдтæхæгæн Тедеты Роберт радта æфсæйнаг маргъы ном. Уый у йæ дыккаг ахæм æрхъуыдыдзинад. Афтæмæй, йæ сабибонтæй фæстæмæ кæй уарзта, уыцы хъуыддаг сси йæ царды сæйрагдæр хай.

Стыр машинæтæ тæрын уый уыд сывæллоны бæллиц. Хъæбæр гæххæттæй конд хъазæн хæдтæхджытæ рæстæгимæ сырæзтысты æцæг тæхæн аппаратты æмвæзадмæ.

Ног хæдтæхæг – ног гæнæнтæ. Къаннæг уæлдæфон машинæ ныр сси ноджы нырыккондæр. Йæ мотор дæр у тыхджындæр, мидæгæй дыууæ адæймагæн бынат. Нырæй фæстæмæ ма дзы фадат ис фидæны пилотты ахуыр кæнынæн дæр.

Хæдтæхæг йæ аразæг æмбырд кодта дыууæ азы онг. Æппæт хъæугæ информаци Роберт исы интернетæй, лыстæг хæйттæ æмбырд кæны специалистты нывтæм гæсгæ. Стыр æххуыс ын кæнынц нæ республикæйы авиамодельтæ аразджытæ.

Ныртæккæ Тедеты Роберт кæронмæ фæвæййы йæ хæдтæхæджы æддаг бакастыл кусын. Хъæуы ма йын йæ хуыз равзарын – кæнæ æфсæддон, кæнæ та 30-æм азты, стæй ма йын ном æрхъуыды кæнын. Фæлæ сæйрагдæр та у – тæхæджы сусæгдзинæдтæ хуыздæр базонын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania