Æрæджы социалон хызты апарахат кодтой хъусынгæнинаг, æхгæнынц æй, зæгъгæ
Дыгуры районы рынчындон куыд куыста, афтæ кусы, зæгъынц дохтыртæ. Æрæджы социалон хызты апарахат кодтой хъусынгæнинаг, æхгæнынц æй, зæгъгæ. Фæлæ не сфæлдыстадон къорд уыд бынаты, æмæ федта дохтырты æрвылбоны куыст. Бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Рынчындоны афтид бынæттæ стæм сты. Кусынц дзы æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Дуæрттæ се ппæтæн дæр сты гом.
Дыгуры районы хирургон хайад цæуы æхгæд, уый у мæнг хъусынгæнинаг, зæгъы хайады сæргълæууæг Хъойбайты Артур.
Æппæт хайæдты ис бирæ рынчынтæ, фаг сæм ис хостæ, фæлæ сæ хъæуы анестезиолог æмæ реаниматолог. Рынчындоны сæйраг дохтыр æууæнды, ацы фарста дæр тагъд рæстæджы лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл.
Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ рынчындон у уæрæхгæнинаг, цæмæй дзы фылдæр рынчынты сæ бон уа дзæбæх кæнын. Кæд æмæ дзы бынæттæ сты æппæтуæрæсеон нормæтæм гæсгæ. Уыимæ сæ фæнды баххуыс кæнын Æрæфы районы рынчындонæн. Уым хицæн операцитæ скæнынæн нæ фаг кæны специалисттæ.




