Республикæйы разамонæг экономикон рæзты Министрадæн бабар кодта 1-æм мартъийы онг 2020-22 азтæн социалон-экономикон рæзты программæйыл бакусын
Мæздæджы районы социалон-экономикон рæзтыл ныхас цыд, Битарты Вячеславы разамындæй арæзт æмбырды. Республикæйы разамонæг экономикон рæзты Министрадæн æмæ Мæздæджы районы муниципалон скондты разамонджытæн бабар кодта, 1-æм мартъийы онг 2020-22 азтæн социалон-экономикон рæзты программæйыл бакусын. Документыл æрныхас кæнын хъæуы алы хъæуы разамонæгимæ дæр. Алы мæй дæр æмбырдты кæндзысты хатдзæгтæ. Ныхас ма цыд, электрон тых æмæ газдæттæг организациты финансон-хæдзарадон архайдыл. Кæронмæ æрхæццæ Хъызлары культурæйы хæдзары бындурон цалцæджы проектон-сметон документацийыл куыст. Сæйраг хæс у, нысанмæ арæзт федералон программæйæ йæ бахæссын. Уымæй дарддæр нысан кæнынц Притеречныйы хъæуы скъолайы уæлæмхасæн арæзтад скæнын. Уыдзæн дзы сывæллæтты рæвдауæндон. Битарты Вячеслав загъта, республикон инвестицион программæмæ ивддзинæдтæ кæй бахæсдзысты. Уымæ гæсгæ 5 милуан сомы радих кæндзысты рæвдауæндонæн. Иннæ 5 милуаны та ратдзæн районы администраци. Æмбырды ма республикæйы разамонæг бабар кодта 17-æм февральмæ бæлвырд хъуыдытæ бахæссын, программæ «Земский доктор» æххæст кæнынæн. Программæ арæзт у специалистты цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн.




