26 февраля 2020, 09:30
Фыдыбæстæ хахъхъæнджытæ. Мызуйраг Мæрзойты дыууæ хæстоны
Мæрзойты Дзахот æмæ Бекойты Тафикойы дыууæ фырты Геор æмæ Хадзымурат. 1936 азы хистæр фырт Геормæ фæсидтысты сырх æфсады рæнхъытæм. Йæ фсæддон хæс æхæст кодта Бакуыйы. Йæ службæ хорз цыд. Уыд арæхсджын æфсæддонты æмрæнхъ. Лейтенанты цины 1939 азы Геор æрбаздæхт йæ райгуырæн хæдзармæ. Мæрзойты Дзахоты кæстæр фырт Хадзымуратæн йæ хъысмæт бирæ тызмæгдæр разынди.