02 марта 2020, 12:28
Завод «Электроцинчы» хуыцаубонæхсæв æрцыди зынгсирвæзт
Æнæнхъæлæджы цауты министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ссыгъдысты бæстыхайы сæр æмæ æддагкъулы хъармгæнæн
Завод «Электроцинчы» хуыцаубонæхсæв æрцыди зынгсирвæзт. Æнæнхъæлæджы цауты министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ссыгъдысты бæстыхайы сæр æмæ æддагкъулы хъармгæнæн. Бæлвырддæр информацимæ гæсгæ, чи нал кусы, уыцы заводы басыгъди административон бæстыхайы сæр 130 квадратон метры фæзуатыл. Фыдбылызы банаты куыстой æнæнхъæлæджы цауты министрады 57 адæймаджы æмæ 14 иуæджы техникæ. Зынгсирвæзт ахуыссын кодтой сахатмæ. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Не сфæлдыстадон къорды къухы нæ бафтыди заводы разамындимæ аныхас кæнын. Фыдбылызы аххоссæгтæ иртасынц специалисттæ.




