филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:24 воскресенье, 29 сентября 2024
03 марта 2020, 13:10
Цӕллагты Зауырбег расидти проект, нӕ истори ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй

Уналы музейы рагон дзаумӕттӕн раттынц дыккаг цард

Йӕ ивгъуыд чи ферох кӕна, уымӕн фидӕн дӕр нӕй, зӕгъы рагон ӕмбисонд. Фӕлӕ йӕ схонӕн ис – алы рӕстӕджы адӕмы фӕтк. Уымӕ гӕсгӕ стыр ӕргом здӕхт цӕуы нӕ фыдӕлты историмӕ. Арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд проект дӕр. Йӕ автор та у Цӕллагты Зауырбег. Цы йын бантыст саразын, уый тыххӕй бӕлвырддӕр радзурдзӕн Моргуаты Ладӕ.

Мидӕмӕ бакъахдзӕф кӕнгӕйӕ, адӕймаг йӕхи ӕнкъары нӕ рагфыдӕлты рӕстӕджы. Къӕдзӕхтӕ ӕмӕ рагон мӕсгуытӕ, проекты авторӕн йӕ куыдз дӕр у алайнаг мыггагӕй. Ам алцы дӕр дзуры нӕ  ивгъуыд цардыл .

Цӕст ӕнӕрхӕцгӕ нӕ фӕуыдзӕн Цӕллагты мӕсыгыл. Ардыгӕй хъуысын кодтой знаджы рбабырсты тыххӕй. Цалдӕр ӕнусы размӕ ахӕм арӕзтӕдтӕ хъуыдысты ӕнӕмӕнг. Хи дурӕй цы мӕсгуытӕ фехӕлдысты, уыдон та ныр райдыдтой цалцӕг кӕнын. Нысан кӕнынц ноджы фылдӕр бакусын.

Ноджыма гом арвы бын театр, 50 бынатӕн. Специалиста йӕ цалцӕг кӕнын райдыдтой цы бындур дзы баззад, уымӕй. Ам кад ӕмӕ радимӕ ӕмбӕлдзысты куыд бынӕттон, афтӕ республикӕйы уазджыты дӕр. 

Ныр та уал рагон хӕдзары миниуджытӕ ӕххӕст кӕны фысымуаты мӕсыг – хонынц ма йӕ «Чындзыты мӕсыг». Ам арӕзт цӕуынц чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ. 

Уналы музейы рагон дзаумӕттӕн раттынц дыккаг цард. Этнокультурон фӕзуат фӕуӕрӕхдӕр кӕныныл архайы проекты автор Цӕллагты Зауырбег, стӕй йӕ фыдӕлты мигӕнӕнтӕ ардӕм рӕдауӕй чи хӕссы уыдон. Сӕ иу Светланӕ.

Алы дзаума канд рӕсугъд экспонат нӕу, фӕлӕ йын ис йӕхи истори. Мызуры цӕрӕг Мсойты Згъӕрӕй нывӕфтыд хъуылыгыл 200 азӕй къаддӕр нӕ цӕуы. Ӕрхонӕй та нымӕд худтӕ цӕмӕй кодтой, ахӕм дзаума. Стӕй ма бирӕ ӕндӕр цымыдисаг дзаумӕттӕ. Музей дарддӕр дӕр ӕмбырд кӕны фыдӕлты мигӕнӕнтӕ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania