филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:26 воскресенье, 29 сентября 2024
04 марта 2020, 13:10
Дзæуджыхъæуы ногæй кусын райдыдта муниципалон 34-æм маршрут

Цæуынц ыл 18 бынæттон машинæйы «ГАЗель NEXT»

Дзæуджыхъæуы ногæй кусын райдыдта муниципалон 34-æм маршрут. Цæуынц ыл 18 бынæттон машинæйы «ГАЗель NEXT». Ис сын бæрзонддæр æмæ уæрæхдæр  гуыффæтæ, уыимæ дзы фылдæр гæнæнтæ ис, зын цæуæн æмæ лæууæн кæмæн у, уыцы адæмæн.  Ифтонггонд у ныллæг схизæнæй, стæй сæрмагонд  кънопкæйæ, уый фæрцы базонæн ис, шофыр кæм æрлæудзæн, уый. Машинæ дзуапп дæтты æдасдзинады æппæт домæнтæн дæр. Ахæм  транспорты цæуæн у æнцон. Ног микроавтобустæн аргъ скодтой адæм сæхæдæг дæр. 34-æм маршрут  кусы декабрæй фæстæмæ. Йæ куыст райдайы поселок Спутниккæй æмæ фæвæййы Московскийы уынджы сосафæндагыл. Ныртæккæ горæты уынгты ис ахæм 15 маршруткæйы. Куыстуат «ТрансАвто»-йæн ис хи техникон  базæ хадтулгæтæ цалцæг кæнынæн. Уыимæ ма, ног автопаркæй уæлдай, маршрутæн бæрæггонд æрцыд йæ цыды ног рæстæг. Ныр цæудзысты алы 4-6 минуты фæстæ дæр. «ТрансАвто» фæнд кæны  республикæйы бæлццæттæ ласæг сæйрагдæр куыстуат суæвын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania