филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 воскресенье, 29 сентября 2024
04 марта 2020, 18:54
Мырыкаты Артемий йе вæрæн бахаста Фыдыбæстæйы историмæ

Йæ куыст снывонд кодта йæ хæстæгæн нæ, фæлæ йæ зындгонд æмзæххон – Плиты Иссæйæн

Мырыкаты Артемий ахуыр кæны 9-æм къласы. Фæлæ ныридæгæн йе вæрæн бахаста Фыдыбæстæйы историмæ. Йæ цæстæнгасæн æмæ йын йæ арф хъуыдытæн стыр аргъ скодта Наталья Малиновская. У, чиныг «Имена Победы»-йы автор. Загъын хъæуы уый, æмæ ацы рауагъд у, æмбал кæмæн нæй, ахæм. Æмбырдгонд дзы сты Советон æфсады разамонджыты тыххæй æрмæджытæ. Фылдæр хатт информаци авторæн фæдæттынц хъæбатыры хæстæджытæ. Фæлæ ам дæр, Мырыкаты Артемий иннæты хуызæн нæ разынди. Йæ куыст снывонд кодта йæ хæстæгæн нæ, фæлæ йæ зындгонд æмзæххон – Плиты Иссæйæн. Æвзонг иртасæгимæ базонгæ Сосранты Жаннæ дæр.

Скъоладзауы формæ, риуылдаргæ нысан. 9-æм къласон Мырыкаты Артемий йе мгар сывæллæттæй ницæмæй хицæн кодтаид. Фæлæ хъуыддаг афтæ рауад, æмæ скъоладзау йæхи иннæтæй уæлдай равдыста  курдиатджындæрæй. Лæппу сси нæ зындгонд æмзæххон Плиты Иссæйы тыххæй æнæхъæн сæргонды автор. Йæ куыст хаст æрцыди Советон æфсæддон разамонæг, маршал Родион Малиновскийы чызджы чиныгмæ.  Цыбыр рæстæгмæ Артемийæн бантысти стыр æмæ мидисджын архивон куыст скæнын.

Цы бæрнон хæс æвæрд ыл уыдис, уый сæххæст кодта æнтыстджынæй. Уæвгæ, лæппу историмæ йе ргом здæхта кæдфæндыдæр. Тематикон олимпиадæты уæлахиздзау, алыхуызон конкурсты лауреат. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йыл хъуыды дæр нæ кодта, чиныгмæ бахаудзæн, уый. Фæндыди йæ маршалы чызгимæ базонгæ уæвын, цæмæй дзы информаци  райса йæ наукон иртасæн куыстытæ баххæст кæнынмæ. Фæлæ йæм уый æнæнхъæлæджы фæсидт, æмæ йын йæ авторон куыстытæ бахаста йæ чиныгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый лæппуйæн уыди æхсызгон.

Чиныджы æддаг цъарыл Наталья Малиновскаяйы къухæвæрд. Сæмбырд дзы кодтой, раздæр мыхуыргонд чи ниуы уыди, ахæм информаци. Советон Цæдисы разамонджыты æмæ бæрнон кусджыты, стæй сæ бинонты фыстæджытæ æмæ хуызистытæ. Текст арæзт у бæлвырд. Алы хъайтарæн дæр дзы лæвæрд цæуы æмхуызон сыфтæ æмæ 17 хуызисты. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Автор йæ къухвæллойы уыны зындгонд киноныв «17 мгновений весны»-йы æууæлтæ. Зындгонд дыууæтомон чиныджы 4-æм рауагъд нысан кæнынц апрельмæ. Фыццаг хатт чиныг рухс федта Стыр Уæлахизы 60-ай азы бонмæ. Уæд æм хаст æрцыдысты 20 хъайтары, ныр та дзы ис 50-йæ фылдæр, уыимæ та фæфылдæр сты чиныджы сæргондтæ дæр. Сæ иу мыхуыры рацыди ирыстойнаг скъоладзауы фæрцы. Мырыкаты Артемийы сисы бынæй рацыди, Карибаг кризисы рæстæг ядерон хæст ма руадзын кæй къухы бафтыди, уыцы хъуыстгонд æфсады разамонæг Плиты Иссæйы цардвæндаджы тыххæй ирд æмæ  мидисджын иртасæн куыст бакæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania