филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:07 воскресенье, 01 февраля 2026
05 марта 2020, 18:56
Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты рацарæзт цæуы, куыд æмбæлы, афтæ

Йæ фыццаг къæпхæн нысан кæнынц 1-æм маймæ фæуын

Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты рацарæзт цæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Йæ фыццаг къæпхæн нысан кæнынц 1-æм маймæ фæуын. Дыккаг хай та райдайдзæн бæрæгбæтты фæстæ

Æфсæйнаг цæджындзтæ раст рæнхъытæй, йæ фарсмæ та бетон калынц. Куыстытæм бавнæлдтой 2 мæйы размæ. Ныртæккæ объекты архайы Красноярскæй подрядон организаци. Æдæппæтæй кусы 50 адæймаджы. Цалцæг кæнынц Мордовцевы уынгæй Горькийы уынджы онг уаццаг.

6 æмæ 8 сантиметры стæвдæн гранит хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ахæм æрмæгæй пайда кодтой, Кировы уынгæй Дзанайты Иваны уынджы онг куы цалцæг кодтой, уæд дæр. Архитекторты хъуыдымæ гæсгæ къахвæндагæн уыдзæн иу дизайн. Рацарæзт цæудзæн 2 къæпхæнæй. Æдæппæтæй куыстытæн бынæттон бюджетæй радих кодтой 150 милуан сомы.

Дыккаг къæпхæны бавналдзысты аллеямæ, æмæ сæвæрдзысты рухсгæнæнтæ. Æппæт коммуникацитæ бамбæхсдзысты зæххы бын, трамвайты фæндæгтæй дарддæр. Рельсытæ дæр æххæстæй баивтой. Горæты цæрджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц проспекты ног хуыз фенынмæ. Уымæнæ æмæ у сæ уарзондæр фæлладуадзæн бынат. Традицимæ гæсгæ Сабырдзинады проспекты арæзт фæцæуы Уæлахизы парад æмæ майы бæрæгбæтты ирхæфсæн мадзæлттæ. Горæты разамынд фидарæй зæгъы, ацы аз дæр афтæ кæй уыдзæн, уый. Рацарæзты фыццаг къæпхæн фæуыдзæн майы райдиан. Дыккагмæ та бавналдзысты бæрæгбæтты фæстæ. Проспекты цалцæггонд уаццаг æххæстæй фенæн уыдзæн ноябры кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania