филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:43 среда, 17 декабря 2025
10 марта 2020, 13:19
Радон амбулатори байгом Майскæйы

Бынæттон цæрджытæ ацы цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастысты.

Паддзахадон программæ «Æнæниздзинадхъахъхъæнынады рæзт» æххæст кæнгæйæ, республикæйы 2025-æм азмæ хъуамæ арæзт æрцæуа 36 фелдьшерон-акушерон пункты. Уыдонæй 10 ныридæгæн сты цæттæ. Радон амбулатори ацы бонты байгом Майскæйы дæр. Бынæттон цæрджытæ ацы цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Медицинон объект байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Майскæйы ног амбулаторийæн йæ бон иу радмæ лаггад кæнын у 50 адæймагæн. Ног бæстыхай байгом кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æркасти æмæ аргъ скодта объектæн. Мидæгæй дзы у аив æмæ райдзаст. Агъуыстытæ ифтонг сты нырыккон медицинон кусæнгæрзтæй.

Ам кусдзысты терапевт, иумæйаг практикæйы дохтыр, гинеколог, педиатр, æмæ дæндæгты дохтыр. Фыццаг рынчынтæ райсынмæ сты цæттæ.

Ног арæзт амбулатори фенынмæ æрбацыдысты бынæттон цæрджытæ æмæ уазджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй зæронд бæстыхай æдасдзинады домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта.

Майскæйы цæрджытæ бузныг загътой Битарты Вячеславæн, ахæм лæвары тыххæй. Уый та йæхи рдыгæй загъта, нæ бирæнацион республикæйы хæлар ахастдзинæдтыл йæ зæрдæ кæй дары, уый.

Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ам сæйрагдæр у лæггæдты хæрзхъæддзинад. Уый та къухы бафтдзæн, йæ райдианы медицинон-санитарон бындур сфидар кæныны руаджы.

Æмтгæй райсгæйæ, паддзахадон программæ «Æнæниздзинадхъахъхъæнынады рæзт» æххæстгæнгæйæ, 2025-æм азмæ республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуа 36 фельдшерон-акушерон пункты, 10 дзы ныридæгæн сты цæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania