филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 воскресенье, 29 сентября 2024
11 марта 2020, 12:48
Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадзæн саккаг кодтой «Ирыстоны намыс» майдан

Кадджын хæрзиуæг ын рардта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав

Республикæйы раз сгуыхтдзинæдты æмæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдары хæдивæг Билаонты Батрадзæн саккаг кодтой «Ирыстоны намыс» майдан. Кадджын хæрзиуæг ын рардта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. «Куыд бирæвæрсыг курдиатджын адæймаг, афтæ ды кæдфæндыдæр æнæзæрдæхудт лæггад кодтай Ирыстоны адæмæн. Амалхъомдзинады къабазы куыст кæнгæйæ æххуыс кодтай фæкæсынхъуаг адæмæн. Зонын æй, абон дæр кæй нæ рох кæныс адæмы, уый. Бузныг дын уый тыххæй, стæй нæ республикæйы парламенты хъазуатон фæллой кæй кæныс, уый тыххæй дæр»— загъта Битарты Вячеслав. Билаонты Батрадз дæр республикæйы разамонæгæн загъта бузныг, æмæ йын ныфс бавæрдта социалон-экономикон рæзтыл дарддæр дæр кæй кусдзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania