Кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куысджыты боны фæдыл къабазы хуыздæр архайджытæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй æмæ сæрмагонд хæрзиуджытæй. Кадджын мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Загъд куыд уыд, афтæмæй æрмæст 2019-æм азы лæггæдты хæрдзтæ уыдысты 15 миллиард сомæн, сæххæст кодтой æрдзон газы 945 милуан кубометры, электрон тых та 1 миллиард 500 милуан сахаты. Ацы нымæцтæ къухы бафтыдысты хуымæтæг фæллойгæнæг адæмы фæрцы æмæ сын министр загъта бузныг. Кадджын мадзалмæ æрбахуыдтой, 10 азæй 40 азы онг цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы æвæллайгæ фæллой чи кæны, уыцы адæмы.