18 марта 2020, 18:49
Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управлени йæ сæрмагонд сайты равæрдта коронавирусимæ баст информаци
Сæйраг пункттæ дзы баст сты хæцгæ низæй ма фæрынчын уæвыны тыххæй адæймаг хъуамæ йæхи куыд дара æмæ цы домæнтæ æххæст кæна, уый
Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управлени йæ сæрмагонд сайты равæрдта коронавирусимæ баст информаци. Сæйраг пункттæ дзы баст сты хæцгæ низæй ма фæрынчын уæвыны тыххæй адæймаг хъуамæ йæхи куыд дара æмæ цы домæнтæ æххæст кæна, уый. Эксперттæ сидынц адæммæ, цæмæй алы бн дæр барой сæ тæвд. Коронавирус парахат кæм у, ахæм бæстæтæй чи æрбацыди, уыцы адæмимæ фембæлгæйæ та хъуамæ æнæмæнг алчидæр скæна медицинон æркаст. Уымæй уæлдай, ахсджиаг у арæх къухтæ æхсын. Уæвгæ та, æххæст информаци базонæн ис фæлхасадмæ цæстдарды федералон службæйы сæрмагонд сайты.
темæмæ гæсгæ




