филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:41 воскресенье, 01 февраля 2026
01 апреля 2020, 10:56
Цыбыр рæстæгмæ дуканиты тæрхæджытæ сафтид кодтой лимон, имбирь æмæ вирусы ныхмæ препараттæй

Ахæм уавæр та арæх расайы æргъты уæлæмæ цыдмæ

Дунейы алы æвзæгтыл адæммæ сидынц, цæмæй сæ хæдзæрттæй макуыдæм цæуой. Сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ рвитой. Фæлæ уыимæ, бирæтæ се ргом аздæхтой Интернетмæ. Уырдыгæй арæх исынц æнæхъæугæ информаци. Афтæмæй цыбыр рæстæгмæ дуканиты тæрхæджытæ сафтид кодтой лимон, имбирь æмæ вирусы ныхмæ препараттæй. Ахæм уавæр та арæх расайы æргъты уæлæмæ цыдмæ.

«Цас кæны лимон?», ацы фарста базарты  фæстаг бонты арæх раттынц. Центрон базары æргътæ сты раздæрау. 

Æндæр хъуыддаг сты – дуканитæ. Дыууæ боны размæ килæ кодта 588 сомы, знон та дзы уæвгæ дæр нал уыд. Цалдæр хатты фæзынаргъ имбирь дæр, фæлæ йæ цыфæнды аргъæй дæр ныртæккæ не ссардзынæ. Ахæм уавæр сæвзæрд, социалон хызæгты мæнг хъусынгæнтнаг кæй апарахат, ома дам лимон æмæ имбирь сты ног низы ныхмæ æххуыс.  Ноджы ма сæм бафтыдтой ацы азы нуры. Æмæ уый дæр, стæй ма алыхуызон кърупатæ фæстаг бонты фæзынаргъ сты. 

Фæлхасгæнджытæ мæсты кæнынц,уæйгæнджытæ та сæхи раст кæнынц. Пандемийæйы уавæрты уый диссаг нæу.

30% фæзынаргъдæр сты хостæ дæр. Фæлæ уый имбиримæ абаргæйæ афтæ бирæ нæу.

Кадавар сты медицинон маскæтæ, æмæ антисептиктæ. Æлхæнджытæ та къаддæр нæ кæнынц, уыимæ афтекты кусджытæ зæрдæ æвæрынц, хи хъахъхъæныны фæрæзты аргъыл кæй нæ бафтдзæн. Социалон хызæгты та сæ амалхъом адæм уæй кæнынц 45 сомæй.

Æргътæм цæст дары Федералон антимонополон цæгатирыстойнаг службæ. Зæгъынц нырма закъонхæлд кæй не сбæрæг кодтой, уый. Службæйы офицалон сайты кусы сæрмагонд телефон. Уырдæм бадзурын æмбæлы канд продукты бæрзонд æргъты фæдыл нæ, фæлæ ма медицинон фæрæзты тыххæй дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania