филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 воскресенье, 29 сентября 2024
06 апреля 2020, 16:02
Пандемийæйы уавæрты адæмæн иумæйаг æххуыс кæныны мадзæлттыл æрдзырдтой Битарты Вячеславы разамындæй æмбырды

Архайдтой дзы республикæйы хицауады сæрдар Азымты Иринæ, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Бари

Пандемийæйы уавæрты адæмæн иумæйаг æххуыс кæныны мадзæлттыл æрдзырдтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы разамындæй æмбырды. Архайдтой дзы республикæйы хицауады сæрдар Азымты Иринæ, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис.

Республикæйы сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, Уæрæсейы президент кæй рахаста уынаффæ æнæкусгæ бонтæ апрелы кæронмæ ахæццæ кæнын, уыимæ регионты разамонджытæн радта бар, уавæр хынцгæйæ, хи бынаты уæлæмхасæн мадзæлттæ аразынæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, сæрмагонд уавæрты рæстæг нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ  баззадысты æгуыст,  куыстуæттæ бахъуыд сæхгæнын, урæд æрцыд транспорты цыд. Æппæт уыцы мадзæлттæ арæзт æрцыдысты, цæмæй коронавирус ма апарахат уа, уый тыххæй, загъта Битарты Вячеслав – æмæ адæм хъуамæ æмбарой, ацы уавæры иунæг кæй не сты, цæудзæн сын алывæрсыг æххуыс.

Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис фехъусын кодта сæ ведомствæ цы фиддонтæ хъуамæ бафида, уыдон се ппæт дæр æнæ къуылымпыйæ æххæсгонд кæй æрцæудзысты. Уæлæмхасæн фиддонтæй баххуыс кæндзысты, æгуыстæй чи баззад, уыцы адæмæн. Алкæмæн дæр йæ бæрц нымад цæудзæн хицæнæй, бамбарын кодта Хуыбаты Барис.

Уæ зæрдыл ма уын иу хатт лæууын кæнæм, нæ республикæйы æнæкусгæ бонтæ уыдзысты 19-æм апрельмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania