филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:21 воскресенье, 29 сентября 2024
06 апреля 2020, 16:35
Йæ 100 азы юбилей ацы бонты сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Мамсыраты Ислам

Бирæ арфæйы ныхæстæ райста йæ хæстæджытæй æмæ уарзон адæмæй

Йæ 100 азы юбилей ацы бонты сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Ирыстоны кадджын хистæр Мамсыраты Ислам. Бирæ арфæйы ныхæстæ райста йæ хæстæджытæй æмæ уарзон адæмæй. Уæлдай æхсызгондæр та йын уыди – уазæгуаты йæм Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон штабы активисттæ æмæ фæсивæдон командæйы уæнгтæ кæй æрбацыдысты, уый. Хæствæллад хистæрæн балæвар кодтой Уæлахизы Тырыса æмæ йын азарыдысты йæ уарзон хæстон зарæг «Катюша».

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Орден, Сырх Стъалыйы Орден, хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй дыууæ майданы, Жуковы майдан æмæ Ирыстоны намысы майдан. Æппæт ацы хæрзиуджыты аккаг сси Мамсыраты Ислам. Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ ацыд, æфсæддон училищæ каст фæуыны фæстæ. Службæ кодта Советон Цæдисы æфсæддон-уæлдæфон тыхты техникон кусæгæй.

Зарæг «Катюша» Исламæн у æппæтæй уарзондæр. Ацы бонты ветераныл сæххæст 100 азы. Уымæ гæсгæ йын æй зæрдиагæй йæ гуырæнбоны азарыдысты, уазæгуаты йæм цы волонтертæ æрбацыдысты, уыдон.

Адджинæгтæ, дидинджытæ, сæйрагдæр та – Уæлахизы Тырыса. Ислам йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй ацы символ йæ зæрдæмæ у æппæтæй хæстæгдæр. Уæвгæ та 100 азы сæрты акæсгæйæ, кæстæртæн цы ныстуан скæна, уый йын ис.

Мамсыраты Исламы хæстон фæндаг райдыдта, йæ рауагъдонты изæрæй 10 боны куы рацыд, уæд. Сырх æфсады рæнхъыты службæ кæнгæйæ уæгъд кодта Молдави, Румыни, Болгари, Югослави æмæ Венгри. Уæлахизыл та сæмбæлд Австрийы. 

5 азы размæ дæр ма Мамсыраты Исламы фенæн уыд бæхыл бадгæйæ. Ныртæккæ та йыл кæд 100 азы сæххæст, уæддæр у уæнгрог æмæ цардуарзаг адæймаг. Æрмæст афтæмæй ис цыфæнды знагыл дæр фæтых уæвын. Уыцы хъуыды æппынæдзух амоны кæстæртæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania