филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:21 суббота, 28 сентября 2024
07 апреля 2020, 16:13
Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ депутаттæ рацыдысты радон рейды

Бæрæг кодтой, уагæвæрд чи халы, уыдоны

Цæмæй уæ хæдзæртты уат, æмæ низæй уæхи хъахъхъæнат, уымæ сидынц республикæйы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, фæлхасадмæ цæстдарды республикон управленийы минæвæрттæ æмæ Дзæуджыхъæуы æмбырды депутаттæ. Горæты уынгтæм рацыдысты радон рейды. Бæрæг кодтой, уагæвæрд чи халы, уыдоны. Адæмæн æмбарын кодтой, куыд ахсджиаг у маскæтæ æмæ æрмкъухтæ дарын, стæй антисептиктæй пайда кæнын.

Мидхъуыддæгты министрады куысджытæ уарынц коронавирусы ныхмæ амынддзинæдтæ. Пъæлицæйæгтæ æрвылбон рацæуынц горæты сæйраг уынгтæм, ныр та ма сæм бафтыдысты Дзæуджыхъæуы æмбырды минæвæрттæ æмæ уæрæсейы фæлхасадон цæстдарды управленийы кусджытæ.  Сæ нысан у горæты цæрджытæм бахæццæ кæнын, коронавирусы ныхмæ арæзт мадзæлттæ куыд ахсджиаг сты, уый.

Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ адæм хъуамæ  сæ цæрæнуæттæй æддæмæ ма цæуой. Ахæм мадзал хъæуы, цæмæй низимæ тох уа ахадгæдæр. Фæлæ се ппæт цæрджытæ уавæры карздзинад кæронмæ не мбарынц.

Республикæмæ чи ссыд, æмæ уагæвæрд чи не ххæст кæны, омæ æхсæнадмæ чи рацæуы, уыдон закъонмæ гæсгæ баййафдзысты административон æфхæрд. Барадон оргæнтæ дарддæр  цæудзысты горæты уынгты, æмæ уагæвæрд чи не ххæст кæны, уыдонимæ кæндзысты æмбарынгæнæн куыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania