филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:22 воскресенье, 29 сентября 2024
07 апреля 2020, 16:10
Дзæуджыхъæуы 5-æм профессионалон училищæйы та маскæтæ сæхæдæг райдыдтой хуыйын

Ахуыргæнæндоны куыд загътой, афтæмæй уал раздæр хи хъахъхъæнæн фæрæзтæй сифтонг кæндзысты сæхи кусджыты æмæ студентты

Дзæуджыхъæуы 5-æм профессионалон училищæйы та маскæтæ сæхæдæг райдыдтой хуыйын. Ахуыргæнæндоны куыд загътой, афтæмæй уал раздæр хи хъахъхъæнæн фæрæзтæй сифтонг кæндзысты сæхи кусджыты æмæ студентты. Стæй сæ уæд уардзысты, кæй бахъæуой, уыдонæн се ппæтæн дæр. Къуыримæ сæ байуæрстой транспортон компани «Автоколонна 1210»-ы, арæзтадон организацийы, æмæ Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуаны кусджытæн. Алы бон дæр ацы хъуыддаджы архайынц 12-13 адæймаджы. Се хсæн – педагогтæ, стæй училищæйы иннæ кусджытæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania