Ахæм хæс республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радта, инфекцийы ныхмæ тох кæныны штабы æмбырды
Коронавирус кæй парахат кæны, уымæ гæсгæ, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ хъуамæ ногæй æркæсой сæ хæрдзтæм, æмæ фæрæзтæ саразой актуалон фарстатæ лыг кæнынмæ. Ахæм хæс республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радта, инфекцийы ныхмæ тох кæныны штабы æмбырды. Видеобастдзинады фæрцы муниципалитетты сæргълæуджытæ радзырдтой, районты штабты цы куыст цæуы, уый тыххæй.
Афтæ Цæгат Ирыстоны районты дезинфекци кæнынц бирæфатерон хæдзæртты быцæуæнтæ, нывыл у волонтерты куыст дæр. Тускъаты Таймураз районты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй карзæй сæ цæст дарой цардархайды æнæмæнг хъæугæ службæты куыстмæ. Уæлдайдæр та – цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады архайдмæ. Хицауады сæрдар зæрдыл æрлæууын кодта, федералон æмвæзадыл хаст æрцыди уынафффæ, субъектты æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнтæ се фтиæгты 5% хъуамæ æрвитой регионты резервон фондмæ. Уыцы фæрæзтæй бахъуаджы рæстæг хардзгонд цæудзысты уæлæмхасæн медицинон кусæнгæрзтæ, медикаменттæ балхæныныл, стæй фæкæсынхъуаг бинонтæн æххуыс кæныныл.
Промышленносты æмæ транспорты министр Мæрзойты Владимир куыд загъта, афтæмæй ведомствæ снысан кодта сæрмагонд маршруттæ, æмæ куыстмæ æмæ фæстæмæ ласынц мадицинон кусджыты. Пандемийæйы уавæрты ахсджиаг у, æнæмæнг хъæугæ товарты æргътæ мониторинг кæнын, цæмæй уæлæмæ ма цæуой.