филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
14 апреля 2020, 16:10
Тускъаты Таймураз видеобастдзинады фæрцы сарæзта оперативон штабы радон æмбырд

Ныхас цыд коронавирусы ныхмæ мадзæлттыл

Республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз видеобастдзинады фæрцы сарæзта оперативон штабы радон æмбырд. Ныхас цыд коронавирусы ныхмæ мадзæлттыл.

Уавæрыл афæлгæсгæйæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерлан радзырдта, чи фæрынчын, уыдоны нымæц кæй рæзы. Фехъусын ма кодта нæ горæты хи медицинон кусæнуæттæй иуы кæй бафæндыд низ кæуыл бахæцыд, уыдоны дзæбæхгæнæн мадзæлтты архайын. Хæстæгдæр рæстæг ма нæ республикæйы скусдзæн уæлæмхасæн компьютерон томограф, кæцы æнæмæнг хъæуы рæуджыты низ иртасынæн.

Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Хъаныхъуаты Сергей радзырдта цавæр уæлæмхасæн мадзæлттæй пайда кæнынц, стæй цы хъуаг ййафынц, уый тыххæй.

Видеобастдзинады ныхасы ма стыр æргом здæхт æрцыд адæммæ цы информаци хæццæ кæнынц уымæ. Куыд загътой, афтæмæй æхсæнады кæронмæ не мбарынц коронавирус цас тæссаг у, уый. Хæдзары бадыны бæсты тезгъо кæнынц уынгты. Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ дохтыртæ адæмæн бамбарын кæной тæссагдзинад.

Æмбырды рахастой уынаффæ, дарддæр дæр дезинфекци кæнын уынгтæ, æхсæнадон транспорт, бирæфатерон хæдзæрдты бацæуæнтæ, адæм бирæ кæм вæййы, уыцы бынæттæ.
Раздæрау актуалон у, социалон æгъдауæй æххуысхъуаг адæмы фарс лæууын. Бархионтæ иртасынц ахæм бинонты æмæ сын сæ хæдзæрттæм хæссынц хойрæг

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania