филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:16 суббота, 28 сентября 2024
14 апреля 2020, 16:09
Тускъаты Таймураз аныхас кодта медицинон кусæнуæтты разамындимæ

Медицинон кусæнуæтты сæйраг дохтыртæ дзуапп радтой абоны санитарон-эпидемиологон уавæры фæдыл æмæ радзырдтой цы куыст кæнынц, уый тыххæй

Тускъаты Таймуразæн ма уыд иу видеобастдзинад. Аныхас кодта медицинон кусæнуæтты разамындимæ.

Архайдтой дзы Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджын аппараты сæйраг федералон инспектор Республикæ Цæгат Ирыстоны Челæхсаты Владимир, республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæджы хæдивæг Фидараты Таймураз æмæ æндæр бæрнон адæм.

Æмбырды рæстæг фæнысан кодтой цалдæр ахсджиаг фарстайы, кæцытæ хъæуы иумæйаг тыхтæй алыг кæнын. Сбæрæг кодтой цы нысантæ æвæрынц сæ размæ, уый.

Уыцы рæстæг медицинон кусæнуæтты сæйраг дохтыртæ дзуапп радтой абоны санитарон-эпидемиологон уавæры фæдыл æмæ радзырдтой цы куыст кæнынц, уый тыххæй. Баст сты адæмæн хъусынгæнинæгтимæ, медицинон фæрæзтæй ифтонгдзинад æмæ дезинфекцийы фæрæзтимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania