20 апреля 2020, 15:59
«Иугонд Уæрæсе» æххуыс бацæттæ кодта фæкæсынхъуаг бинонтæн æмæ пенсиисджытæн
Хæрзаудæн акциæйæн æхца сæмбырд кодтой депутаттæ сæхæдæг
Фыццаг хаттæн уал 150 къоппы, æнæмæнг хъæугæ продукттимæ. Ахæм æххуыс бацæттæ кодта парти Иугонд Уæрæсейы Алагиры районы хайад фæкæсынхъуаг бинонтæн æмæ иунæгæй чи цæры, уыцы пенсиисджытæн. Хæрзаудæн акциæйæн æхца сæмбырд кодтой депутаттæ сæхæдæг. Къоппыты сæмбырд кодтой адджинæгтæ, кърупатæ, æхсыры продукттæ, сæкæр, ссад æмæ зети.
Сæрмагонд хыгъдтæм гæсгæ партийы уæнгтæ хойраджы продукттæ адристæм гæсгæ баластой сæхæдæг. Иугонд Уæрæсейы районы æххæстгæнæн комитеты минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй уый иу хатты æххуыс нæу. Алагиры районы фæкæсынхъуаг цæрджытæн дарддæр дæр цæудзæн æмбæлгæ æххуыс, æмæ изоляцийы фæтк цалынмæ уа, уæдмæ ифтонггонд цæудзысты хъæугæ продукттæй.