21 апреля 2020, 16:29
Абон республикæйы хицауад райдыдта æхцайы фæрæзтæ уарын
Райсдзысты сæ, коронавирусы уагæвæрд æххæстгæнæгæйæ æгуыстæй чи баззад, уыцы адæм
Абон республикæйы хицауад райдыдта æхцайы фæрæзтæ уарын. Райсдзысты сæ, коронавирусы уагæвæрд æххæстгæнæгæйæ æгуыстæй чи баззад, уыцы адæм. Уымæй уæлдай бархионты руаджы хæдзармæ хойраджы продукттæ хæссынц ацæргæ æмæ æххуысхъуаг адæмæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, знон минæй фылдæр адæм кæй сарæзтой ныхмæлæуддзинады акци. Уымæй сæвæзæрын кодтой тæссаг уавæр коронавирус парахат кæнынæй. Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ баурæдтой 69 адæймаджы. Дысон республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав инстаграмы сæрмагонд сыфы фæсидт Ирыстоны цæрджытæм.