филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 суббота, 28 сентября 2024
30 апреля 2020, 16:36
Тедеты Дзамболат дæр йе ххуысы хай бахаста ацы зын рæстæ

Пандемияйы рæстæг æгуыстæй чи баззад, бирæсывæллонджын бинонтæ

Уæрæсейы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболат дæр йе ххуысы хай бахаста ацы зын рæстæг. Пандемияйы рæстæг æгуыстæй чи баззад, бирæсывæллонджын бинонтæ, ацæргæ адæм, æмæ иунæгæй чи цæры, уыдон райстой 500-йæ фылдæр хойраджы хызыны. Æнæмæнг æххуыс райсдзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ дæр. Æххуысхъуаг адæмы хыгъдтæ бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны фæллойы æмæ социалон рæзты министрады. Хойраджы хызынтæ фæкъордтæ кодтой, æмæ сæ адристæм гæсгæ баластой хæрзаудæн организаци «Сырх дзуары» бархионтæ. Ныртæккæ кусынц волонтерты иугонд штабы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania