филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:14 суббота, 28 сентября 2024
07 мая 2020, 15:47
Экономикæйæн æмæ социалон къабазæн æххуыс кæныны сæрмагонд æмбырды фехъусын кодта Владимир Путин

Се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, 5-æм майы онг кæй бабар кодта амынддзинæдтæ саразын, хи изоляцийы фæтк сабыргай фæлæмæгъдæр кæнынæн

Вирусы ныхмæ мадзæлттæ алы регионы дæр хъуамæ арæзт цæуой, сæхи уавæр хынцгæйæ. Уый тыххæй, экономикæйæн æмæ социалон къабазæн æххуыс кæныны сæрмагонд æмбырды фехъусын кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, 5-æм майы онг кæй бабар кодта амынддзинæдтæ саразын, хи изоляцийы фæтк сабыргай фæлæмæгъдæр кæнынæн. Нæ бæстæйы разамонæг ма бафиппайдта, регионты сæргълæуджытæ æмæ хицауады уæнгтæ алы уынаффæмæ дæр хъуамæ бæстон кæй кæсой, уымæн æмæ ахсджиаг у цæрджыты æдасдзинадыл хъуыды кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania