филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
12 мая 2020, 15:42
Йæ цардæй ахицæн нæ республикæйы зындгонд æхсæнадон архайæг, авиацийы инæлар-майор Бедойты Руслан

Фæстаг азты куыста Цæгат Ирыстоны ветеранты советы сæрдары хæдивæгæй

Уæззау хабар. Йæ цардæй ахицæн нæ республикæйы зындгонд æхсæнадон архайæг, авиацийы инæлар-майор Бедойты Руслан. Фæстаг азты куыста Цæгат Ирыстоны ветеранты советы сæрдары хæдивæгæй. Уыцы мгъуыдмæ цал æмæ цал æрыгон лæппуйы сæвæрдта царды раст фæндагыл. Уыимæ – йæхи дæнцæгæй. Кæддæриддæр ын ахсджиагдæр миниуджытæ уыдысты лæгдзинад, адæмуарзондзинад, ныфс æмæ хъæбатырдзинад. Ууыл ахуыр кодта йæ кæстæрты дæр. Йæ уарзондæр бæрæгбоныл – 9-æм майыл ацы аз сæмбæлд, фæлæ йыл уый фæстæ æгъатыр низ фæтых.

Бæрзонд, рæсугъд, хæрзконд æмæ уæнгрог… Ахæмæй баззайдзæн нæ зæрдæты авиацийы инæлар-майор Бедойты Руслан. Йæ райгуырды бон дæр хуымæтæг нæ уыд – 12-æм апрель – космонавтикæйы бон. Уæд 1947-æм азы Сунжæйы Бедойты Алыксандры хæдзары райгуырди лæппу. Русланы фыд уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Сырх Стъалыйы дыууæ ордены кавалер æмæ бирæ майданты хицау. Тох кодта инæлар Плиты Иссæйы кавалерийы. Архайдта Уæлахизы парады 1945-æм азы Мæскуыйы Сырх фæзы. Руслан йæ кадджын фыды тыххæй дзырдта йæ фæстаг интервьютæй иуы.

Бедойты Руслан кæддæриддæр дæнцæг иста йæ фыдæй. Уымæ гæсгæ ахуыр кæнынмæ бацыд Ейскы аивацион училищæмæ. Уый фæстæ та ахуыр кодта Гагарины номыл Æфсæддон-Уæлдæфон академийы. Уæвгæ, æфсæддон-уæлдæфон тыхты службæ кодта 30 азы. Райдыдта курсантæй æмæ сси Прикарпатьейы æфсæддон зылды авиацийы хицау. Дыууæ хатты æххæст кодта интрнационалон хæс Египеты æмæ Йемены. Алы ран дæр æвдыста лæгдзинад, дæсныдзинад æмæ æфсæддон курдиат. Хорзæхгонд æрцыд ордентæй æмæ майдантæй. Руслан фæстаг азты куыста Цæгат Ирыстоны ветеранты советы сæрдары хæдивæгæй. Уыцы мгъуыдмæ бирæ фæсивæдæн бауарзын кодта æфсæддон хъуыддаг. Рæзгæ фæлтæр нæ бæззынц, зæгъгæ, уыцы хъуыдыимæ разы нæ уыд.

Руслан йæ сабибонтæй фæстæмæ уарзта спорты алы хуызтæ, скъолайы дæр иттæг хорз ахуыр кодта. Уыд фæллойуарзаг, кæддæриддæр активон æхсæнадон архайæг. Иу ныхасæй йæ цардæй дæнцæгæн хæссинаг уыд йе мгæрттæн дæр, æмæ кæстæртæн дæр. Æцæг командæгæнæг, куыд æфсæддон хъуыддаджы, афтæ сабыр царды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania