филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:16 суббота, 28 сентября 2024
13 мая 2020, 15:32
Республикæйы клиникон рынчындоны ныртæккæ арæзт цæуынц уæлæмхасæн бынæттæ

Сæй уыцы-иу рæстæг архайд цæуы туаггуыр самал кæныныл

Республикæйы клиникон рынчындоны ныртæккæ арæзт цæуынц уæлæмхасæн бынæттæ, стæй уыцы-иу рæстæг архайд цæуы туаггуыр самал кæныныл. Цалынмæ республикон клиникон æмæ тагъд æххуысы рынчындæтты ног кусæнгæрзтæ æвæрынц, уæдмæ дзы бантысдзæн 70 уæлæмхасæн бынаты скæнын. Медицинон цæстдард цæуы, дыууæ егъау рынчындоны дзæбæхгæнæн курс чи ацыди, уыцы пациенттæм. Дарддæр сæхи дзæбæх кæнынмæ сæ хæдзæрттæм арвыстой 400 адæймаджы.

Æппæт ацы хъуыддæгтыл æрныхас кодтой, коронавирус парахат кæнын ма бауадзыны Оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ Битарты Вячеслав. Бæстон ныхас цыди видеокноференцийы хуызы. Комкоммæ бастдзинады уыдысты бынæттон администрациты сæргълæуджытæ, министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ, рынчындæтты æмæ поликлиникæты сæйраг дохтыртæ.

Республикæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, рынчын адæймаджы хæдзармæ ауадзыны тыххæй кæронбæттæн уынаффæ хъуамæ хæсса дзæбæхгæнæндоны  сæйраг дохтыр. Уыимæ стыр æргом здахын хъæуы, ацы куыст иннæ уæрæсейаг регионты куыд арæзт цæуы, уымæ, – загъта Битарты Вячеслав.  Уымæй дарддæр ма Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг – Фæрниаты Тамерланæн бабар кодта, цæмæй горæты 1-æм, 4-æм æмæ 7-æм поликлиникæты дохтыртæ ифтонг уой æхсæнадон транспортæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania