филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:25 воскресенье, 29 сентября 2024
18 мая 2020, 16:03
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг бадомдта амбулаторон куыст фæахадгæдæр кæнын

Уый ахсджиаг фæрæз у коронавирусы инфекци парахат кæнын ма бауадзыны хъуыддаджы, загъта Битарты Вячеслав

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг бадомдта амбулаторон куыст фæахадгæдæр кæнын. Уый ахсджиаг фæрæз у коронавирусы инфекци парахат кæнын ма бауадзыны хъуыддаджы, загъта Битарты Вячеслав. Хъуамæ алы куыст дæр цæуа æмбæлгæ уагыл. Ууыл æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл ныхас цыд республикæйы разамонæджы æмæ рынчындæтты æмæ поликлиникæты сæйраг дохтыртимæ радон æмбырды.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерлан куыд фехъусын кодта, афтæмæй профилон ведомство æппынæдзухдæр æнгом æмгуыстад кæны медицинон куыстуæттимæ. Бацархайдтой бæлвырд фæтк саразыныл, цæмæй рынчынтæм цæуа бæстон цæстдард. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ уæлдай цæстдард хъуамæ цæуа ацæргæ адæммæ. Амбулаторон уагæй йæхи чи дзæбæх кæны, уыдон хъуамæ ифтонг уой лæвар препараттæй. Республикæйы рынчындæтты сæйраг дохтыртæ радзырдтой, бынæтты цавæр профилактикон æмæ дзæбæхгæнæн куыст цæуы, уый тыххæй. Хицæн ныхас цыди

Уæрæсейы Президенты амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Ома медицинон кусджытæн уæлæмхасæн фиддонтæ кæныныл. Стыр æргом ма аздæхтой, иннæ регионтæ коронавирусы ныхмæ куыд тох кæнынц, уымæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania