филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 воскресенье, 29 сентября 2024
18 мая 2020, 16:43
Дондзæуæнтæ сыгъдæг кæныныл архайынц куыстуат «Владстокы» специалисттæ

Æдæппæтæй сæрдмæ куыстуат уарындæтты коммуникацитæ снывыл кæндзæн Дзæуджыхъæуы 40 уынджы

Дондзæуæнтæ сыгъдæг кæныныл архайынц куыстуат «Владстокы» специалисттæ. Æдæппæтæй сæрдмæ куыстуат уарындæтты коммуникацитæ снывыл кæндзæн Дзæуджыхъæуы 40 уынджы. Рацарæзт цæуы Сæрибары фæзы дæр.

Дондзæуæнты сæйраг фæрæз у – цъай. Ам æппæтæй арæхдæр æрæмбырд вæййынц, хæтæлтыл чи ныффидар вæййынц, ахæм  бырæттæ. Техникæ та сæ æдзух, куыд æмбæлы, афтæ не ссыгъдæг кæны. Æмæ уæд хъæуы къухæй архайын. Ахæм уавæр арæх сæвзæры Дзæуджыхъæуы дæллаг хайы. Ацы ран ныссагъд асфальты къуыбар, йæ аххосæй та целлофантæ æмæ æндæр хауæддзæгтæ.

Дондзæуæнтæ ссыгъдæг кæнын æмæ сæ куыст сног кæнын, уый у иу хъуыддаг. Хъæуы ма баивын люктæ æмæ уарындæттæ кæдæм цæуынц, уыцы фсæйнаг бырутæ.

Владстокы разамынд куыд зæгъы, афтæмæй Дзæуджыхъæуы дондзæуæн коммуникацитæн сæ 5% ахæм заууатмæ æрцыдысты, æмæ сын цалцæггæнæн куыстытæ ницы баххуыс уыдзысты. Хъæуы сæ баивын.

Æдæппæтæй сæрдмæ куыстуат уарындæтты коммуникацитæ снывыл кæндзæн Дзæуджыхъæуы 40(цыппор) уынджы. Рацарæзт цæуы Сæрибары фæзы дæр. Ног системæ æнæкъуылымпыйæ кусдзæн 50(фæндзай) азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania