Уавæр хынцгæйæ, æрдзхъахъхъæнынады министрад рахаста уынаффæ, цæмæй Ставд-Дуртæм æмæ Хæзныдонмæ арвитой сæрмагонд техникæ былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæм
Тыхджын тæрккъæвдаты аххосæй фæбæрзонддæр республикæйы цæугæдæтты æмвæзад. Уавæр хынцгæйæ, æрдзхъахъхъæнынады министрад рахаста уынаффæ, цæмæй Ставд-Дуртæм æмæ Хæзныдонмæ арвитой сæрмагонд техникæ былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæм.
Ведомствойы разамонæг Мамиаты Чермен куыд загъта, афтæмæй доны æмвæзад кæй фæуæлдæр, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæ æрбацыдысты алы районæй дæр. Техникæ кусы æхсæвæй бонæй, донивылдæй тæссагдæр цы бынæтты у, уым. Тагъд рæстæг специалисттæ ацæудзысты Камбилеевкæ æмæ Урсдоны былгæрæттыл кусынмæ. Мамиаты Чермен куыд загъта, афтæмæй уавæрмæ ис цæстдард, курдиæттæм та се ппæтмæ дæр уыдзæнис хицæн æркаст.